Ис бирӕ хъӕутӕ ӕмӕ ,взӕгтӕ,
Фӕлӕ мӕнӕн дӕуӕй аджындӕр нӕй,
Мӕ уарзон Ногхъӕу, кал ӕдзух цӕхӕртӕ,
Дӕуӕй рӕсугъддӕр ацы зӕххыл нӕй.
Дӕ адӕм сты зӕрдӕхӕлар ,мӕ кадджын,
Сты ахуыргонд ӕмӕ дын кӕнынц кад.
Уадз уӕнт дӕуӕн дӕ цӕрджытӕ бӕркадджын.
Уадз ма зонӕд ӕнус бонты ӕнкъард.
О, Стыр Хуыцау, бӕрзондӕй нӕм ӕркӕс,
Ӕмӕ дӕ хӕрзтӕй хайджын фӕкӕн мах дӕр.
Мӕ адӕмӕн ды царды цин ӕрхӕсс,
Нӕ фыдбылызтӕ махӕн фӕкӕн къаддӕр.
О, Лӕгты дзуар, фӕндӕгтыл хъахъӕн мах,
Фыдбылызтӕй нын хъахъӕн ды нӕ адӕм.
Ды халын ма бауадз нӕ фыдӕлты гӕнах,
Бынат нӕ царды мауал уӕд ӕнкъардӕн.
О, Мады-Майрӕм баххуыс кӕн ды дӕр,
Дӕ хорзӕхтӕ нӕ сылыстӕгтӕн байуар.
Нӕртон гуырдтӕ куыд кӕной нӕм фылдӕр,
Стӕй сын уӕд ӕнӕниздзинад райуар.
О, Иры зӕд! Дӕуӕй ныр курын ӕз,
Мӕ уарзон Ирыл цины бон скӕнӕд.
Мӕ Ногхъӕуӕн ды хурбонтӕ ӕрхӕсс,
Ӕмӕ мӕ куывд мӕ адӕмыл ӕрцӕуӕд!